Сомалиленд
Сомалиленды Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
англ. Republic of Somaliland сомал. Jamhuuriyadda Soomaaliland арабб. جمهورية أرض الصومال | |||||
| |||||
Девиз: «арабб. لا إله إلا الله محمد رسول الله» | |||||
Гимн: «Sama ku waar» | |||||
![]() |
|||||
Официалон æвзаг | сомалиаг, араббаг, англисаг | ||||
Сæйраг сахар | Харгейсæ | ||||
Стырдæр сахартæ | Харгейсæ, Берберæ | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 137 600 км² | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 3 500 000 ад. | ||||
• Æнгомад | 25 ад./км² | ||||
Валютæ | Сомалиленды шиллинг (SLSH) | ||||
Телефонон код | +252 | ||||
Сахатон таг | +3 | ||||
![]() |
Сомалиле́нд (англ. Somaliland, сомал. Soomaaliland, арабб. صوماليلاند) у æнæбанымад де-факто паддзахад (йæ хæдбардзинадыл дунейы паддзахæдтæ нæма сразы сты) Африкæйы цæгат-хурыскæсæны, Сомалийы цæгаты.
Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Харгейсæ.
Йæ сыхæгтæ сты Джибути, Эфиопи æмæ Сомали. Цæ фæзуат йæхи хоны, уый у 176 120 кв. км, цæрджыты нымæц та — 5,7 милуаны (2021)[1].
Раздæры Бритайнаг Сомалийы колони, Сомалиленд йæ хæдбардзинады тыххæй тох кодта 1961 æмæ 1981-æм азæй фæстæдæр. 1991-æм азæй цæ фæзуат йæхи хоны, уый у Сомалиленды дæлбар, бæстæйы хицауад у демократон хуызы æвзæрст.
Кæд Сомалиленды хæдбардзинадыл ничи ма сразы и, бирæ хицауæдтæ æмæ фирмæтæ ацы бæстæимæ кусынц, Эфиопи дзы байгом кодта йæ базарадон минæварад.
Сахарты чи цæры, уыцы цæрджыты ’хсæн бирæтæ дзурынц дыууæ кæнæ æртæ официалон æвзагыл: англисагау, араббагау æмæ сомалиагау. Хъæуты цæрджытæ дыууæ æвзаджы стæм хатт зонынц. Скъолаты фылдæр хай кусынц англисагау.
Сæ динмæ гæсгæ сомалилендæгты фылдæр хай сты суннæйаг пысылмон.
Административон дих
[ивын | Бындур ивын]
Картæйыл | Штат | Сæйраг сахар | Фæзуат км² |
Цæрджытæ |
---|---|---|---|---|
1 | Салал | Зейлæ | бæрæг нæу | бæрæг нæу |
2 | Авдал | Бурамæ | 21 370 | 417 000 (2007) |
3 | Габилей | Габилей | бæрæг нæу | бæрæг нæу |
4 | Гаароди | Харгейсæ | 28 830 | 1 190 000 (2007) |
5 | Сахил | Бербера | бæрæг нæу | бæрæг нæу |
6 | Одвейне | Одвейне | бæрæг нæу | бæрæг нæу |
7 | Тогдер | Буро | 38 660 | 941 000 (2007) |
8 | Кайн | Буходле | бæрæг нæу | бæрæг нæу |
9 | Сарар | Кайнабæ | бæрæг нæу | бæрæг нæу |
10 | Сул | Ласъанод | 25 030 | 115 000 |
11 | Санаг | Эригаво | 53 370 | 530 000 (2007) |
12 | Маахир | Бадан | 35 000 | 700 000 |
13 | Хауд | Балигубадле | бæрæг нæу | бæрæг нæу |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Republic of Somaliland: Country Profile 2021(англ.)(æнæбаххæсгæ æрвитæн). gollisuniversity.com. Датæ: 2021-æм азы 24 августы. Архив 2021-æм азы 23 декабры.